6 Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ӕй бафарста: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?»
Мӕ фӕдыл сагъуыди знаг ӕмӕ мӕ ссӕнды, раджы чи амарди, уый хуызӕн мӕ талынгмӕ ӕппары.
«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.
Быдыры цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл дын Ӕз де ’нӕуаг митӕ, дӕ чъизи монцтӕ ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ уыдтон. О, додойаг фӕдӕ, Йерусалим! Дӕ чъизитӕй кӕд ссыгъдӕг уыдзынӕ?»
«Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мӕн фӕнды цӕстӕй ракӕсын».
Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.
Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг.
Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, дон гуылфӕнтӕ кӕнын куы райдайы, уӕд мӕ найӕнмӕ чи ныйиса, ахӕм мын ничи ис. Цалынмӕ ӕз уырдӕм ныххизыныл фӕцархайын, уӕдмӕ ӕндӕр исчи мӕ разӕй фӕвӕййы».
Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.
Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.