Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 5:5
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд ын Йесо йӕ фыды бафарста: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Йӕ чысылӕй нырмӕ.


Уӕдӕ сайтан ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы йӕ бӕттӕнтӕй сабаты цӕуылнӕ ис суӕгъд кӕнӕн?»


Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.


Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».


Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.]


Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ӕй бафарста: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?»


Йесо фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, ӕрдзӕй куырм чи уыди, ахӕм адӕймаджы.


Цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ чи байгом кодта, уый та нӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут, сывӕллон нал у, йӕхӕдӕг зӕгъӕд йӕхи тыххӕй».


Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзухдӕр бадгӕ кодта, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.


Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура.


диссаджы хуызы цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл цыди дыууиссӕдз азӕй фылдӕр.


Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном — Еней. Уый ӕндзыгнизӕй сади — аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan