Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 5:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.]

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 5:4
18 Iomraidhean Croise  

Елисей йӕм йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Иорданы доны авд хатты аныгъуыл фӕд-фӕдыл, ӕмӕ дӕ буар сног уыдзӕни, бынтондӕр ссыгъдӕг уыдзынӕ».


Дӕхицӕй хуыссӕг фӕсур, дӕ цӕстытӕ мауал бацъынд кӕн,


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Уыцы лӕг мын загъта: «Ацы дон цӕуы скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы дӕлвӕзы онг, уым бакӕлдзӕни денджызмӕ ӕмӕ денджызы дон суыдзӕнис ӕнӕнизгӕнӕг.


Йӕ арын афон ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕ сывӕллон у, ӕмӕ йын не ’нтысы ныййарын.


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.


Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.


Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.


Тыргъты хуыссыди бирӕ рынчынтӕ: куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ. [Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты доны базмӕлдмӕ —


Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг.


Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, дон гуылфӕнтӕ кӕнын куы райдайы, уӕд мӕ найӕнмӕ чи ныйиса, ахӕм мын ничи ис. Цалынмӕ ӕз уырдӕм ныххизыныл фӕцархайын, уӕдмӕ ӕндӕр исчи мӕ разӕй фӕвӕййы».


Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.


Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan