37 Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууы Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр никуы федтат;
Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».
Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».
Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.
Сыгъдӕг Уд Ӕм бӕлоны хуызы ӕрцыд ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.
Йесо йын загъта: «Уый бӕрц рӕстӕг уемӕ дӕн, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды“?
Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.
Фӕлӕ Мын ис ӕндӕр Ӕвдисӕн, ӕмӕ Ӕз зонын: Мӕн тыххӕй цы зӕгъы, уый ӕцӕг у.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Ӕз Мӕхи тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын, ӕмӕ Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы Мӕ рарвитӕг Фыд дӕр».
Дунедарӕг уӕм арты хуылфӕй дзырдта; сымах Ӕй хъуыстат, фӕлӕ Йӕ уынгӕ нӕ кодтат, ӕрмӕст Йӕ хъӕлӕс зӕлыди.
Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.
Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен.
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ, кӕрӕдзийы куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты.
Ӕз Хуыцауы уарзын, чи зӕгъы, афтӕмӕй та йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын.
Кӕд мах адӕймаджы ныхасыл ӕууӕндӕм, уӕд Хуыцауы ныхас та уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхас Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта Йӕ Фырты тыххӕй.