26 Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг
Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.
Дунедарӕгӕн зӕгъы: «Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх, мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!»
Хуыцау загъта Моисейӕн: «ӔЗ ДӔН, ЧИ ДӔН, УЫЙ. Ӕмӕ-иу ахӕм дзуапп ратт израилӕгтӕн: „Мӕн сымахмӕ рарвыста, Йӕ ном ӔЗ ДӔН кӕмӕн у, Уый“».
Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.
Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс.
Ничи Мын ӕй исы, Мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Мӕхи бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд».
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.
Мӕныл ӕууӕндгӕйӕ чидӕриддӕр цӕры, уый никуы амӕлдзӕн. Уырны дӕ?»
Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».
Мӕн Мӕ цардӕгас Фыд куыд рарвыста ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыды фӕрцы куыд цӕрын, афтӕ, Ӕз хойраг кӕмӕн дӕн, уый дӕр цӕрдзӕни Мӕ фӕрцы.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн».
Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй адӕймаджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, царды комулӕфт ӕмӕ алцыдӕр Йӕхӕдӕг дӕтты.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг — Адам — сси удгоймаг», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг Уд.
Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.
Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен.
Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста.
Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.
Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,
Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».