2 Йерусалимы, Фысты кулдуары раз, ис найӕн бынат фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ, дзуттагау ӕй хонынц Вефесда.
Фӕтӕн сисӕй нӕ фӕндаг цыди Ефремы кулдуармӕ, Зӕронд кулдуары рӕзты ӕрцыдыстӕм, Кӕсаджы кулдуарыл ахызтыстӕм, Хананелы мӕсыг ӕмӕ Сӕдӕйы мӕсыджы цурты Фысвосы кулдуармӕ ӕрхӕццӕ стӕм ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм Хъахъхъӕнджыты кулдуары раз.
Алчер Елиашив бавдӕлд ӕмӕ йӕ сауджын ӕфсымӕртимӕ Фысвосы кулдуар сарӕзтой. Срухс ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Сӕдӕйы мӕсыгӕй Хананелы мӕсыгмӕ дӕр къул самадтой ӕмӕ йӕ срухс кодтой.
Фисыны уӕллаг агъуыстӕй Фысвосы кулдуары онг та къул амадтой зӕрингуырдтӕ ӕмӕ сӕудӕджертӕ.
Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат.
Сымах федтат, Давиды сахары быру бирӕ рӕтты къахыртӕ ӕмӕ пырхытӕ кӕй уыд, уый. Дон ӕфтауц кодтат Дӕллаг Цады.
Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.
Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.
Иудейӕгтӕй йӕ бирӕтӕ бакастысты, уымӕн ӕмӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат сахармӕ хӕстӕг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтыл.
Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм разылди ӕмӕ Йӕм дзуттагау сдзырдта: «Раввуни!» (ома Ахуыргӕнӕг).
Тыргъты хуыссыди бирӕ рынчынтӕ: куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ. [Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты доны базмӕлдмӕ —
Йесо та сын загъта: «Ӕз ӕрмӕст иу хъуыддаг сарӕзтон, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр дисы бафтыдыстут.
Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ, куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзуттагау дзурын:
Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм.
Сӕ паддзах уыди дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном — Аваддон, бердзенагау та — Аполлион.