Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 5:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 5:18
21 Iomraidhean Croise  

«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Науӕд Моисейы Ӕгъдауы нӕ кастыстут, алы сабаты дӕр сауджынтӕ, Кувӕндоны кусгӕйӕ, сабаты фӕтк кӕй халынц, фӕлӕ сын уый азымыл нымад кӕй нӕу?


Иудейӕгтӕ Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой,


Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».


Иудейӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ, Хуыцауы кӕй фауыс — адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй».


Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.


Йесо йын загъта: «Уый бӕрц рӕстӕг уемӕ дӕн, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды“?


Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».


Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейӕгтӕн радзырдта, ме сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ.


Уыйадыл иудейӕгтӕ Йесойы фӕдыл зилын райдыдтой, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй.


Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд ӕдзух Йӕ хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын».


цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.


Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ.


Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Фӕлӕ уыцы Ӕгъдауы домӕнтӕ сымахӕй ничи ӕххӕст кӕны. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?»


Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхӕдӕг Мӕхицӕн дӕн кадгӕнӕг, уӕд Мӕ кад ницы у. Фӕлӕ сымах уӕ Хуыцау Кӕй хонут, Уый Мӕнӕн у Мӕ Фыд ӕмӕ Мӕ Кадгӕнӕг.


Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН».


Уый Йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ уыди Хуыцау, фӕлӕ Йӕхи Хуыцауы ӕмсӕр не ’вӕрдта,


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕнис Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan