Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 5:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уыйадыл иудейӕгтӕ Йесойы фӕдыл зилын райдыдтой, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 5:16
15 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма Мӕм ӕрбадар». Уый Йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис, йӕ иннӕ къухы хуызӕн сси.


Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уыйадыл Ироды фарсхӕцджытимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый фӕдыл.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.


Иудейӕгтӕ Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой,


Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй.


Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.


Ӕмӕ, чи сдзӕбӕх ис, уыцы лӕгӕн иудейӕгтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын не ’мбӕлы».


Чи сдзӕбӕх ис, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо, цы бирӕ адӕм дзы уыди, уыдоны ӕхсӕн Йӕхи фӕаууон кодта.


Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейӕгтӕн радзырдта, ме сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ.


Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд ӕдзух Йӕ хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын».


Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.


Йесо та сын загъта: «Ӕз ӕрмӕст иу хъуыддаг сарӕзтон, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр дисы бафтыдыстут.


Йерусалимы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Ай, марынмӕ кӕй агурынц, уыцы адӕймаг нӕу?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan