Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 5:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 5:14
23 Iomraidhean Croise  

Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.


Сӕ уд-иу сӕ мидӕг куы ӕрцыди, уӕд та-иу, Дӕуӕн хъыг чи у, ахӕм митӕм бавнӕлдтой. Ды та-иу сӕ фыдгулты къухмӕ радтай, ӕмӕ сын уыдон ӕлдариуӕг кодтой. Фӕлӕ та-иу ногӕй Дӕумӕ куы фӕсидтысты, уӕд та-иу сӕм Ды уӕларвӕй ӕрыхъуыстай ӕмӕ сӕ Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ бирӕ хӕттыты фервӕзын кодтай.


Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, ӕмӕ фенон Де ’Гъдауы диссӕгтӕ.


Арфӕгонд у Дунедарӕг — Уый мын фехъуыста мӕ куывд.


Уымӕн ӕмӕ Уый туджы аргъ фидын кӕны, рох Дзы нӕу мӕгуырты дзыназын.


Дунедарӕг мӕ фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ, цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ хъисфӕндыртӕй цӕгъддзыстӕм Йӕ Кувӕндоны».


Езекиа бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, ногӕй та Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»


Сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буары арф ныххызти, хъуынтӕ та сурс сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: сынчъы бынаты хъотыр фӕзынди.


Уый фӕстӕ дӕр ма Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ куы рацӕуат,


Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.


Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».


Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ загъта ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн: «Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».


Чи сдзӕбӕх ис, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо, цы бирӕ адӕм дзы уыди, уыдоны ӕхсӕн Йӕхи фӕаууон кодта.


Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг.


Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын нӕ тӕрхон кӕнын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн».


Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan