12 Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“, уыцы Адӕймаг чи у?»
Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»
Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“».
Чи сдзӕбӕх ис, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо, цы бирӕ адӕм дзы уыди, уыдоны ӕхсӕн Йӕхи фӕаууон кодта.
Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны.
Адӕм кӕрӕдзийы фарстой, уӕдӕ уый чи уыдаид, зӕгъгӕ. Фӕцагуырдтой ӕмӕ базыдтой, Иоасы фырт Гедеон кӕй уыдис, уый.
Уӕд Саул загъта: «Ардӕм-ма рацӕут, адӕмы хицӕуттӕ, уе ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, абоны тӕригъӕд цӕй мидӕг ис, уый!