11 Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“».
Ӕмӕ, чи сдзӕбӕх ис, уыцы лӕгӕн иудейӕгтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын не ’мбӕлы».
Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“, уыцы Адӕймаг чи у?»
Бафарстой йӕ: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?» Уый сын дзуапп радта: «Нӕ зонын».
Уӕд фарисейтӕй иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сабаты ӕгъдау халы». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ бон куыд у ахӕм диссӕгтӕ аразын?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.