Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕмӕ, чи сдзӕбӕх ис, уыцы лӕгӕн иудейӕгтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын не ’мбӕлы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 5:10
19 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг зӕгъы: «Сабат Мӕ уаз бон кӕй у, уый уӕ макуы ферох уӕд, ӕмӕ йӕ нымайут. Нымайут ӕй цытджын бӕрӕгбоныл ӕмӕ уӕхиуыл хӕцут, сабатбон мацы хъуыддаг кӕнут. Кад ын скӕндзыстут уымӕй дӕр, стӕй, уыцы бон уӕ алы зӕрдиаг фӕндтӕ куы аиргъӕват, ноджы ма ӕдзӕлгъӕд ныхӕстӕ дӕр куынӕ кӕнат, уӕд.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кӕд уӕ удӕгасӕй баззайын фӕнды, уӕд сабаты Йерусалимы кулдуӕртты уылты мацы хӕссут.


Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».


Уым уыдис, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ фарисейтӕ, цӕмӕй Йӕ истӕмӕй фӕазымджын кӕной, уый тыххӕй Йесойы бафарстой: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»


Ӕмӕ Йын фарисейтӕ загътой: «Кӕс-ма! Сабаты цы не ’мбӕлы, уый куыд кӕнынц?»


Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой.


Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ».


Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.


Фарисейтӕй сын чидӕртӕ загътой: «Сабаты цы не ’мбӕлы, уый цӕмӕн кӕнут?»


Иудейӕгтӕ Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой,


Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“».


Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейӕгтӕн радзырдта, ме сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ.


Уыйадыл иудейӕгтӕ Йесойы фӕдыл зилын райдыдтой, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй.


Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут?


Уӕд фарисейтӕй иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сабаты ӕгъдау халы». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ бон куыд у ахӕм диссӕгтӕ аразын?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan