1 Уый фӕстӕ уыди иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
Афӕдз ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз.
Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.
Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,
Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.
Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!