9 Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)
Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,
Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта.
Уыцы рӕстӕг ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сӕм, Йесо сылгоймагимӕ кӕй ныхас кодта, уый диссаг фӕкасти. Фӕлӕ Йӕ сӕ иу дӕр нӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» кӕнӕ: «Цӕуыл дзурыс йемӕ?»
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»
Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».
ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.
Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы был“.