Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дон хӕссынмӕ ӕрбацыди иу самариаг сылгоймаг. Йесо йӕм дзуры: «Дон-ма Мын авӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:7
9 Iomraidhean Croise  

уӕд ӕм Авраамы цагъар рӕвдз бауад ӕмӕ йӕм бахатыд: «Дӕ дурыны донӕй-ма мын иу хуыпп авӕр».


Мӕнӕ цъайы раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ Илийа уырдыгӕй араст ис Сарептӕмӕ. Сахары кулдуармӕ куы бахӕццӕ, уӕд дын кӕсы, ӕмӕ уым иу сылгоймаг артӕн каухалӕнтӕ ӕмбырд кӕны. Фӕдзырдта йӕм ӕмӕ йын загъта: «Истӕм-ма мын дон рахӕсс ӕмӕ бануазон».


Мӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый тыххӕй ацы кӕстӕртӕй искӕцыйӕн ӕрмӕст уазал доны къус чи ратта, уый дӕр, ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕни».


Уый фӕстӕ Йесо, ныридӕгӕн алцыдӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, цӕмӕй Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй сдзырдта: «Дойны Мын у».


Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».


Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan