6 Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис.
Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди.
Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
Йесо сын дзуапп радта: «Боны дыууадӕс сахаты нӕй? Боныгон чи цӕуы, уый нӕ кӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс.
Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Йаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?»
Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди.
Дон хӕссынмӕ ӕрбацыди иу самариаг сылгоймаг. Йесо йӕм дзуры: «Дон-ма Мын авӕр».
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.
Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.
Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.