Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:53 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

53 Уӕд фыд базыдта, уыцы хабар, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт фӕдзӕбӕх уыдзӕн, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон кӕй ӕрцыди, уый. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ хӕдзаронтӕ дӕр иууылдӕр баууӕндыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:53
12 Iomraidhean Croise  

Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!


Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг уыцы сахат сдзӕбӕх ис.


Йесо йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ирвӕзындзинад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддагӕй у.


Нырма фӕндагыл уыди, афтӕ йӕ цагъартӕ рацыдысты йӕ размӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ фырт фӕдзӕбӕх ис».


Уый сӕ бафарста: «Кӕд ын фенцондӕр ис?» Уыдон ын загътой: «Знон, фӕссихоры фыццаг сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд».


Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ де ’ппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ“.


Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.


Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цин кодта йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Синагогӕйы хицау Крисп йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan