51 Нырма фӕндагыл уыди, афтӕ йӕ цагъартӕ рацыдысты йӕ размӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ фырт фӕдзӕбӕх ис».
Уӕд ӕй Илийа йӕ хъӕбысмӕ систа, фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕриста, йӕ мадмӕ, ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕс-ма, дӕ лӕппу ӕгас у».
Йесо йын дзуапп радта: «Ацу, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕн». Уый баууӕндыди Йесойы ныхасыл ӕмӕ ацыди.
Уый сӕ бафарста: «Кӕд ын фенцондӕр ис?» Уыдон ын загътой: «Знон, фӕссихоры фыццаг сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд».
Уӕд фыд базыдта, уыцы хабар, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт фӕдзӕбӕх уыдзӕн, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон кӕй ӕрцыди, уый. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ хӕдзаронтӕ дӕр иууылдӕр баууӕндыдысты.