Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:5
9 Iomraidhean Croise  

Йӕ цатыр кӕм айтыгъта, уыцы зӕххы хай балхӕдта Шехемы фыд Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы.


Дӕуӕн та, де ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕттын, аморӕгтӕй мӕ кард ӕмӕ фатӕй кӕй байстон, уыцы хохы фахс, Шехем».


Уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уый Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй ӕмӕ, Самарийы сахарты цы мӕнг кувӕндӕттӕ ис, ӕппӕт уыдоны тыххӕй цы загъта, уый».


Йӕ разӕй минӕвӕрттӕ арвыста самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йын Йӕ бацыдмӕ ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кӕной.


Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Йаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?»


Уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый куы радзырдта, уӕд.


Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты.


Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan