49 Ӕлдар Ын загъта: «Хицау, рацу, Дӕ хорзӕхӕй, цалынмӕ ма мӕ фырт ӕгас у, уӕдмӕ».
ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».
Йесо йын загъта: «Сымах ӕнӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ницӕуыл баууӕнддзыстут».
Йесо йын дзуапп радта: «Ацу, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕн». Уый баууӕндыди Йесойы ныхасыл ӕмӕ ацыди.