Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Галилеймӕ куы бацыди, уӕд Ыл галилейӕгтӕ ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр бӕрӕгбоны Йерусалимы уыдысты ӕмӕ федтой, Йесо уым цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:45
10 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг Йесомӕ чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын радзырдтой, Пилат нывонд хӕссыны рӕстӕг кӕй ныццагъта, уыцы галилейӕгты тыххӕй: уыдонӕн сӕ туг сӕ нывӕндты тугимӕ схӕццӕ кодта, зӕгъгӕ.


Йесо фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд адӕм рацыдысты Йӕ размӕ, уымӕн ӕмӕ Йӕм се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты.


Фӕлӕ, Йерусалиммӕ кӕй цыд, уый тыххӕй Йӕ уыдон сӕхимӕ не ’рбахуыдтой.


Куадзӕны бӕрӕгбоны Йесо Йерусалимы куы уыди, уӕд цы диссӕгтӕ ӕвдыста, уыдон бирӕтӕ федтой ӕмӕ Йыл баууӕндыдысты.


Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».


Афтӕ Йесо дыккаг хатт, Иудейӕ Галилеймӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, сарӕзта диссаг.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan