Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Уымӕ гӕсгӕ Йын самариӕгтӕ, куы ӕрбацыдысты, уӕд лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм афӕстиат уа. Ӕмӕ уӕд дыууӕ боны уым баззади.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:40
15 Iomraidhean Croise  

Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн».


Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ ныууадз, хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уый мидӕг ис.


Куыддӕр сӕ цурӕй ацыдтӕн, афтӕ дын мӕ уарзоны куы ссарин! Ныххӕцыдтӕн ыл, нал ӕй суӕгъд кодтон, цалынмӕ йӕ не ’рбакодтон мӕ мады хӕдзармӕ, мӕ ныййарӕг мады уатмӕ.


Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ, бӕллӕхы заман — Ирвӕзынӕнӕг! Ацы зӕххӕн ӕцӕгӕлон цӕмӕн сдӕ ныр, ӕрмӕст ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ йӕ фӕндагӕй чи фӕзилы, уыцы бӕлццонау?


Марфӕйӕн уыди хо, йӕ ном — Мариа. Уый Йесойы дӕлфӕдтӕм сбадти ӕмӕ Йӕм лӕмбынӕг хъуыста.


Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕивгъуыйы». Уӕд Уый дӕр бацыди хъӕумӕ ӕмӕ семӕ баззади.


Дӕлимонтӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ Йемӕ акӕна, фӕлӕ йын Йесо загъта:


Уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый куы радзырдта, уӕд.


Йӕхимӕ Йын куы байхъуыстой, уӕд Ыл ноджы фылдӕр адӕм баууӕндыди.


Дыууӕ боны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыди Галилеймӕ,


Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.


Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.


Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan