Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый куы радзырдта, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:39
11 Iomraidhean Croise  

Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,


Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл.


Мариамӕ чи ӕрбацыд, уыцы иудейӕгтӕй, Йесо цы бакодта, уый чи федта, уыдонӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.


«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»


Ӕмӕ адӕм сахарӕй Йесомӕ рацыдысты.


Ӕз уӕ арвыстон, сымах кӕй нӕ бакуыстат, уый кӕрдынмӕ. Ӕндӕртӕ бафыдӕбон кодтой, ӕмӕ сӕ куыстӕй хай ис сымахӕн дӕр».


Уымӕ гӕсгӕ Йын самариӕгтӕ, куы ӕрбацыдысты, уӕд лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм афӕстиат уа. Ӕмӕ уӕд дыууӕ боны уым баззади.


Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр Ыл мах дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ не ’ууӕндӕм — нӕхӕдӕг Ӕм байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгдӕр дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».


Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan