Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 уӕд ныууагъта Иудейы бӕстӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти Галилеймӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:3
11 Iomraidhean Croise  

Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ денджызы ’рдӕм ацыди. Йӕ фӕдыл агуылф кодта тынг бирӕ адӕм — Галилей, Иудей,


Йерусалиммӕ цӕугӕйӕ, Йесойы фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл.


Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».


Ӕмӕ та ногӕй ацыди Иорданы фаллаг фарсмӕ, уымӕй размӕ Иоанн донӕй кӕм аргъуыдта, уырдӕм; ӕмӕ иу цасдӕр уым фӕци.


Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо ӕргомӕй иудейӕгты ӕхсӕн нал фӕзынд, фӕлӕ уырдыгӕй ацыд Эфраиммӕ — ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕввахс чи уыди, уыцы сахармӕ; ӕмӕ уым уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.


Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.


Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Иудейы зӕхмӕ. Уым семӕ иу цасдӕр фӕци ӕмӕ аргъуыдта донӕй.


Уый, Йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕтты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн, фӕлӕ Йын Йӕ ныхасыл ничи ӕууӕнды.


Ӕмӕ уыцы лӕг, Йесо Иудейӕ Галилеймӕ кӕй ацыди, уый куы фехъуыста, уӕд Ӕм бахӕццӕ ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, мӕ фырт мӕлӕты къахыл лӕууы, ӕрцу ӕмӕ мын ӕй сдзӕбӕх кӕн, зӕгъгӕ.


Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan