29 «Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»
Адӕм иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕг Давиды байзӕддаг ма уа?»
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн».
Сылгоймаг йӕ дурын уым фӕуагъта, ацыди сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзуры:
Ӕмӕ адӕм сахарӕй Йесомӕ рацыдысты.
Уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый куы радзырдта, уӕд.
Мӕнӕ ӕргомӕй адӕмимӕ ныхас кӕны, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ бӕлвырд базыдтой, Чырысти кӕй у, уый?
Адӕмӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?»
Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.
Самуел ын загъта: «Зонынджын ӕз дӕн. Мӕ разӕй кувӕн къуыбырмӕ ссу, абон мемӕ саходдзыстут. Райсом дӕ фӕндараст куы кӕнон, уӕд та дын дзуапп ратдзынӕн, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн.