25 Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн».
Йаковӕй райгуырди Мариайы мой Йосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.
ӕмӕ, адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Пилат бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?»
Пилат та сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ уӕд, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Ӕмӕ иууылдӕр схор-хор кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.
Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!»
«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»
Уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый куы радзырдта, уӕд.
Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр Ыл мах дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ не ’ууӕндӕм — нӕхӕдӕг Ӕм байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгдӕр дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».