20 Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой Хуыцаумӕ, сымах та, иудейӕгтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Йерусалимы ис, зӕгъгӕ».
ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.
Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый йӕ куывд айста — иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕнмӕ уӕларвӕй зынг ӕрӕрвыста.
Давид загъта: «Ам уыдзӕни Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзар, мӕнӕ — Израилы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн!»
Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.
Ӕхсӕвы Дунедарӕг раргом ис Соломонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ куывд фехъуыстон. Ӕз ацы бынат равзӕрстон, цӕмӕй ам нывӕндтӕ хӕссой.
Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Фӕлӕ, Йерусалиммӕ кӕй цыд, уый тыххӕй Йӕ уыдон сӕхимӕ не ’рбахуыдтой.
Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Йаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?»
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах, цы бӕстӕ байсынмӕ цӕут, уырдӕм куы бакӕна, уӕд арфӕйы ныхас зӕгъут Геризимы хохыл, ӕлгъысты ныхас — Эвалы хохыл.
«Иорданы сӕрты куы ахизат, уӕд Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар, Йосеф ӕмӕ Бениамины мыггӕгтӕ хъуамӕ Геризимы хохыл ӕрлӕууой ӕмӕ адӕмӕн арфӕ ракӕной.