19 Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.
Уӕд ын Елисей загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ уыди, уыцы лӕг йӕ уӕрдонӕй куы ӕрхызти ӕмӕ дӕ размӕ куы рацыди, уӕд! Ныртӕккӕ ууыл стӕм, ӕмӕ нӕхицӕн бынтӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕвзист ӕмӕ дарӕстӕй, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕндӕттӕй, лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй, цагъайраг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй?
Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр».
Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».
Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.
Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».
Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».
Уыди дын фондз лӕджы, ӕмӕ, ныртӕккӕ кӕимӕ цӕрыс, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».
«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»
Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Ай, ӕцӕгӕйдӕр, дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, уыцы Пехуымпар у».
Адӕм ацы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд иутӕ дзырдтой: «Уый, ӕнӕмӕнг, пехуымпар у».
Уӕд та ногӕй фӕрсынц куырмы: «Ды та уыцы Адӕймаджы тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? Цӕстӕй дӕ куы ракӕсын кодта». Уый сын дзуапп радта: «Пехуымпар у».
Мӕн куыд сӕвӕрдта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни пехуымпар, ӕмӕ-иу уымӕ хъусут.