Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 4:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уыди дын фондз лӕджы, ӕмӕ, ныртӕккӕ кӕимӕ цӕрыс, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 4:18
16 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.


Симеон ӕмӕ йын Левий дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?»


Фӕлӕ ус йӕ мойы мӕнгардӕй куыд асайы, уыйау Мыл сайдӕй рацыдтӕ, Израил!» — зӕгъы Дунедарӕг.


Ды-иу хъахбай сылау суазӕг кодтай ӕцӕгӕлӕтты.


Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!


Уый — ӕнӕууӕнчы ӕгъдау, сылгоймаг йӕ лӕгыл гадзрахатӕй куы рацӕуа ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна,


Сылгоймаг куы ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны».


Йесо йын зӕгъы: «Ацу, дӕ моймӕ фӕдзур ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕх».


Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Моймӕдзыд нӕ дӕн». Йесо йын загъта: «„Моймӕдзыд нӕ дӕн“ кӕй зӕгъыс, уымӕй раст дӕ.


Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.


Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у ӕмӕ, ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу.


Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Ноджы ма курын Махлоны усы, моаваг Руфы, дӕр, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, йӕ ном та йе ’рвадӕлты ӕмӕ сахары цӕрджыты ’хсӕн куыннӕ фесӕфа, афтӕ; абон мын сымах ӕвдисӕнтӕ фӕут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan