16 Йесо йын зӕгъы: «Ацу, дӕ моймӕ фӕдзур ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕх».
Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр).
Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.
Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ ардӕм дон хӕссынмӕ мауал цӕуон».
Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Моймӕдзыд нӕ дӕн». Йесо йын загъта: «„Моймӕдзыд нӕ дӕн“ кӕй зӕгъыс, уымӕй раст дӕ.
Уыди дын фондз лӕджы, ӕмӕ, ныртӕккӕ кӕимӕ цӕрыс, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».
Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.
Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.