8 Дымгӕ дымы, кӕм ӕй фӕнды, уым, йӕ уынӕр ын хъусыс, фӕлӕ, кӕцӕй ӕрцӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы, уый нӕ зоныс. Афтӕ вӕййы йӕ хабар, Удӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр».
стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
Дымгӕ куы хуссарӕрдӕм дымы, куы — цӕгатӕрдӕм, иу уысм дӕр йӕ зилдухӕй не ’нцайы.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Царды комулӕфты тыххӕй рагуац фехъусын кӕн, пехуымпариуӕг кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: царды комулӕфт, цыппар дымгӕйӕ фӕзын ӕмӕ ацы мӕрдтыл раулӕф, цӕмӕй райгас уой“».
Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.
Ма дис кӕн, ногӕй хъуамӕ райгуырат, зӕгъгӕ, дын кӕй загътон, ууыл.
Никодим Ӕй бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?»
Ӕвиппайды цыма уаддымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ, кӕм бадтысты, уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг.
Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.
Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ уыцы иу, алкӕмӕн дӕр, Йӕхи куыд фӕнды, ахӕм лӕвӕрттӕ Чи кӕны, уыцы Уды архайдӕй цӕуынц.
Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.
Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.