Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ма дис кӕн, ногӕй хъуамӕ райгуырат, зӕгъгӕ, дын кӕй загътон, ууыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 3:7
17 Iomraidhean Croise  

Цы у адӕймаг, цӕмӕй сыгъдӕг уа? Сылгоймаг кӕй ныййардта, уымӕн рӕстуд уӕвӕн куыд ис,


Ӕз уын, зӕххон цы у, уый тыххӕй загътон, ӕмӕ уӕ куы нӕ уырны, уӕд уын, уӕларвон цы у, уый тыххӕй куы дзурон, уӕд уӕ куыд бауырндзӕн?


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».


Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд.


Дымгӕ дымы, кӕм ӕй фӕнды, уым, йӕ уынӕр ын хъусыс, фӕлӕ, кӕцӕй ӕрцӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы, уый нӕ зоныс. Афтӕ вӕййы йӕ хабар, Удӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр».


Ма дис кӕнут ууыл; уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон Ын фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс,


Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ арфӕ кӕнут Фыдӕн — Уый уын Йӕ сыгъдӕджыты бынтӕй хай райсын саккаг кодта Йӕ рухс Паддзахады.


Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.


Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.


Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan