4 Никодим бадис кодта: «Карджын адӕймаг ма ногӕй куыд хъуамӕ райгуыра? Ау, дыккаг хатт мады гуыбынмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ногӕй райгуырдзӕн?»
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: дон ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын.
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?»
Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у.
Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.