33 Йӕ ныхасыл ын чи ӕууӕнды, уый та уымӕй ӕвдисы, Хуыцау ӕцӕг кӕй у, уый.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъын ӕмӕ уын стӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕг ӕцӕгдзинад дзуры, ӕмӕ Ӕз, Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн».
Ӕз уый куы саразон ӕмӕ, цы ӕрӕмбырд ис, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг сараздзынӕн сымах уылты.
Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.
Кӕд иннӕтӕн апостол нӕ дӕн, уӕддӕр сымахӕн апостол дӕн. Ӕз Бардарӕджы апостол кӕй дӕн, уымӕн сымах ӕвдисӕн стут.
Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу.
Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Сыгъдӕг Уд.
Ӕмӕ сымах дӕр ӕцӕгады ныхас, Фарны Уац, уӕ фервӕзыны тыххӕй куы фехъуыстат ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй.
Сыгъдӕг Уды хъыджы ма цӕут, уымӕн ӕмӕ уыл Ирвӕзындзинады бонмӕ сӕвӕрдӕуыд Йӕ мыхуыр.
Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».
Афтӕ Хуыцау дӕр Йӕ зӕрдӕбавӕрд сфидар кодта сомыйӕ; зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕн Йӕ сомыйӕ бӕлвырд равдыста, Йӕ фӕндон кӕй никуы аивдзӕн, уый.
Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕды не ’фтӕм, зӕгъгӕ, уӕд Ӕй мах ӕвдисӕм сайӕгойӕ, ӕмӕ Йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.