24 Уӕд Иоанны ахӕстоны нӕма бакодтой.
Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.
Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.
Хабар та уыдис афтӕ: Ирод ӕрцахсын кодта Иоанны ӕмӕ йӕ Иродиадӕйы тыххӕй ахӕстоны бакодта. Уый уыдис йе ’фсымӕр Филиппы ус, ӕмӕ йӕ Ирод ракуырдта.
Иоанн дӕр дарддӕр аргъуыдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уым дон бирӕ уыди. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты донаргъуыд райсынмӕ.