Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 3:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Иоанн дӕр дарддӕр аргъуыдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уым дон бирӕ уыди. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты донаргъуыд райсынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 3:23
13 Iomraidhean Croise  

Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.


Ды цӕрыс стыр цӕугӕдӕтты был. Дӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, фӕлӕ ӕрцыди де сӕфт, адӕмы нал стигъдзынӕ.


Донбыл сагъд сӕнӕфсиры талайау — дӕ мад, донарӕхы фӕрцы — къабузджын, дыргъджын.


Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.


Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?


Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Иудейы зӕхмӕ. Уым семӕ иу цасдӕр фӕци ӕмӕ аргъуыдта донӕй.


Уӕд Иоанны ахӕстоны нӕма бакодтой.


Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн.


Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!


Саул йе ’ххуырстимӕ ӕрзылдис Ефремы хӕхбӕстӕ ӕмӕ Шалишайы зӕххыл, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Шаалимы зӕххыл сӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ уым дӕр нӕ разындысты. Афтӕ — Бениамины зӕххыл дӕр, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan