21 Фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый та цӕуы рухсмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом куыд уой, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕн фӕндон сты».
О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
Йӕ быны чи царди, уыдон раздӕхдзысты фӕстӕмӕ, хорарӕхӕн суыдзӕни сӕ цард, сӕнӕфсиры зӕнгау дидинӕг скалдзысты, Ливаны сӕнау сӕ кой айхъуысдзӕни дардыл.
Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый».
Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.
Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.
Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Йӕ буары ӕрдзыхъӕд бафсадынӕн чи тауы, уый мӕлӕт ӕркӕрддзӕни; Уды хуымы чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард.
уымӕн ӕмӕ рухсӕн йӕ дыргътӕ сты: хӕлардзинад, рӕстад ӕмӕ ӕцӕгад.
Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.
уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.
Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.
сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.
Кӕд мах дзурӕм, Йемӕ нын иудзинад ис, зӕгъгӕ, уӕвгӕ та талынджы цӕрӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цард ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ нӕу.
Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта.
зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис!