Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 3:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 3:20
18 Iomraidhean Croise  

Тебӕ райста, фынг ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый хӕрын нӕ куымдта. Амнон загъта: «Иууылдӕр мӕ цурӕй ацӕуӕнт». Ӕмӕ иууылдӕр ацыдысты йӕ цурӕй.


Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Ӕмбисӕхсӕв уыдаид, уӕд сыстад ӕмӕ мын мӕ цурӕй, ӕз, дӕ цагъар, фынӕй уыдтӕн, афтӕмӕй, мӕ лӕппуйы райста ӕмӕ йӕ йӕхи риуыл авӕрдта, йӕ мард лӕппуйы та мын мӕ риуыл ӕрӕвӕрдта.


О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!


Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси, Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа, уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,


Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы, куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.


Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы, йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны, уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды.


талынг фӕндӕгтыл цӕуыны мондагӕй, раст фӕндаг чи ныууагъта,


Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;


Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕд Йесойы ныхӕстӕм иу динамонӕг загъта: «Ахуыргӕнӕг, афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй Ды мах дӕр ӕфхӕрыс».


Фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый та цӕуы рухсмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом куыд уой, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕн фӕндон сты».


Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan