Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 3:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 3:19
33 Iomraidhean Croise  

талынг фӕндӕгтыл цӕуыны мондагӕй, раст фӕндаг чи ныууагъта,


Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.


страус, уыг, кӕсагдзау, хъӕрццыгъайы алы мыггаг,


Сауджын ӕм ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ буарыл урс тӕппал куы фӕзына, тӕппалыл цы хъуынтӕ ис, уыдон куы сурс уой, йӕ хъӕдгом та уыцы ран куы фегом уа,


Ахӕм ӕфхӕрд айсдзысты Мысыр ӕмӕ, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ чи не ’рбацӕуа, уыцы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр.


Йӕ хицауы фӕндон зындгонд кӕмӕн уыди, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕни карз над.


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс.


Рухс талынджы рухс кӕны, ӕмӕ йыл талынг нӕ фӕтых ис.


Ныр ацы дунейӕн йӕ Тӕрхоны Бон ралӕууыд, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар тард ӕрцӕудзӕни.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕй сын зӕххон кад зынаргъдӕр уыди.


Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.


Ӕниу Мыл куыд хъуамӕ баууӕндат, кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут?


Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.


Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.


Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».


Цалынмӕ Ӕз дунейы дӕн, уӕдмӕ Ӕз дунейӕн дӕн рухс».


Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.


хиуарзон чи у, ӕцӕгады коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ тӕригъӕдмӕ ӕмхиц чи у, уыдоны та баййафдзӕни Йӕ азар.


Ӕмӕ, ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.


ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.


Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan