Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 21:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт цӕхӕрӕй судзы, зынджыты уӕлӕ — кӕсаг, йӕ фарсмӕ та — дзул.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 21:9
10 Iomraidhean Croise  

Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтагъд Ӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.


Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл бастайдзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ дардӕй ӕрбацыдысты».


Уазал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ арт скодтой, йӕ алыварс слӕууыдысты ӕмӕ сӕхи тавтой. Петр дӕр лӕууыд семӕ ӕмӕ йӕхи тавта.


Йесо сын загъта: «Уӕ ногахст кӕсӕгтӕй дӕр ма иу цалдӕр рахӕссут».


Йесо бацыди, райста дзул ӕмӕ сӕм ӕй радта, стӕй кӕсаг дӕр.


Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та кӕсӕгтӕй йедзаг хыз сӕ фӕдыл ластой, афтӕмӕй бӕлӕгъы ӕрбаздӕхтысты; былмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыди — дыууӕсӕдӕ ӕлмӕрины бӕрц.


Йесо райста кӕрдзынтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ адӕмыл райуӕрста. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уый бӕрц.


«Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у уый бӕрц адӕмӕн?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan