8 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та кӕсӕгтӕй йедзаг хыз сӕ фӕдыл ластой, афтӕмӕй бӕлӕгъы ӕрбаздӕхтысты; былмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыди — дыууӕсӕдӕ ӕлмӕрины бӕрц.
Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ та уыдон дӕр байуӕрстой.
Йесойы уарзон ахуыргӕнинаг загъта Петрӕн: «Ай Бардарӕг у». Симон Петр, Бардарӕг у, зӕгъгӕ, куы фехъуыста, уӕд йӕ пӕлӕз ронӕй ӕрбалвӕста (ӕндӕр ыл ницы уыд) ӕмӕ йӕхи денджызмӕ фехста.
Былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт цӕхӕрӕй судзы, зынджыты уӕлӕ — кӕсаг, йӕ фарсмӕ та — дзул.
Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.