4 Боныцъӕхтыл Йесо лӕууыди денджызы былгӕрон, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы нӕ базыдтой.
Афтӕмӕй Йосеф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой.
Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ хъӕумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо, ӕндӕр хуыз райсгӕйӕ, фӕндагыл Йӕхи раргом кодта.
Уӕд Ӕм бакастысты ӕмӕ Йӕ базыдтой, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой.
Афтӕ куы загъта, уӕд фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Йесойы йӕ разы лӕугӕйӕ ауыдта, фӕлӕ Йесо кӕй у, уый нӕ базыдта.