Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 21:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕд сӕм Симон Петр дзуры: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Уыдон ын загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Ацыдысты ӕмӕ бӕлӕгъы сбадтысты, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 21:3
11 Iomraidhean Croise  

Симон Ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд Дӕу афтӕ фӕнды, уӕд баппардзынӕн хызтӕ».


Боныцъӕхтыл Йесо лӕууыди денджызы былгӕрон, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы нӕ базыдтой.


баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын.


Уӕхӕдӕг зонут, мӕхи ӕмӕ ме ’мбӕлццӕтты хъуӕгтӕн ӕз куыстон мӕ ацы дыууӕ къухӕй.


Уӕдӕ тауӕгӕй дӕр ӕмӕ донуадзӕгӕй дӕр ницы аразгӕ у — ӕппӕт дӕр аразгӕ у хордӕттӕг Хуыцауӕй.


Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар?


Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan