Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 21:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йесо ма ноджы бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕгас дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 21:25
12 Iomraidhean Croise  

Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»


Кувын ӕз: «О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Сдзӕбӕх мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»


Бирӕ цӕрӕд! Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин, ӕдзух ын кувдзысты, ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.


Мӕ лӕппу, уыдонӕй фӕстӕмӕ цы ис, уыдӕттӕй дӕхи хиз. Бирӕ чингуытӕ ныффыссыныл куы архайай, уӕд сын кӕрон нӕ уыдзӕни, бирӕ кӕсынӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад сӕфгӕ кӕны.


Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у».


Хъуыддаг йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон сын хӕйрӕджджын ӕмӕ хуыты хабар ракодтой.


Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.


Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».


Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan