24 Уыцы ахуыргӕнинаг ӕвдисӕн у ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ сӕ фысгӕ дӕр уый ныккодта. Ӕмӕ мах зонӕм, йӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый.
Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут.
Уымӕн ӕвдисӕн лӕууы уый йӕхи цӕстӕй фенӕг. Йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны, ӕцӕгдзинад кӕй дзуры, уый, цӕмӕй сымах дӕр баууӕндат.
Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад.
Димитрийы тыххӕй хорз дзурынц се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ зӕгъы ӕцӕгад йӕхӕдӕг дӕр. Мах дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ, нӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый хорз зоныс.