Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 21:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ӕмӕ айхъуысти ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ. Йесо та, нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ, нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 21:23
12 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».


Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?


Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.


Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Уым ссардтам ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕм, сӕ курдиатмӕ гӕсгӕ, баззадыстӕм авд боны, стӕй Роммӕ араст стӕм.


Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,


Уӕдӕ ацы дзулӕй куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕнӕй куы бануазут, уӕд уымӕй хъусын кӕнут Бардарӕджы мӕлӕты тыххӕй — цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.


Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Бардарӕджы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ.


Ӕрмӕст Ме ’рцыдмӕ иузӕрдион ут, цы уӕм ис, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan