22 Йесо йын загъта: «Кӕд ӕмӕ Мӕн афтӕ фӕнды, цӕмӕй уый Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та? Ды цу Мӕ фӕдыл».
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.
Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»
Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт.
«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.
Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».
Загъта ма сын: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад хъомысджынӕй ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».
Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй бамбарын кодта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕни, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта: «Мӕ фӕдыл цу».
Петр ӕй куы федта, уӕд Йесойы бафарста: «Хицау, ӕмӕ уый та цы фӕуыдзӕн?»
Уӕдӕ ацы дзулӕй куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕнӕй куы бануазут, уӕд уымӕй хъусын кӕнут Бардарӕджы мӕлӕты тыххӕй — цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй, нӕ Бардарӕг Йесо куы ’рцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг.
Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Бардарӕджы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ.
Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсут сымах дӕр, фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ Бардарӕджы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззади.
Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.
Ӕрмӕст Ме ’рцыдмӕ иузӕрдион ут, цы уӕм ис, ууыл.
Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Аммен. Ӕрцу, Бардарӕг Йесо!
«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Тӕхудиаг у, ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый».
Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса.