Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 21:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыди, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ размӕ радардзынӕ, ӕндӕр исчи дын дӕ астӕуыл дӕ рон ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ дӕ акӕндзӕни, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 21:18
8 Iomraidhean Croise  

Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.


Симон Петр Ын загъта: «Хицау, ӕмӕ Ды кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ныртӕккӕ дӕуӕн нӕй цӕуӕн, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй бамбарын кодта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕни, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта: «Мӕ фӕдыл цу».


Уый нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ, стӕй загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейӕгтӕ Йерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртаттӕгты къухтӕм».


Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ зӕххон агъудӕй рахизын фӕнды мах; мах бӕллӕм уӕларвон агъуды бацӕуынмӕ, мӕлинаг агъуд цард куыд аныхъуыра, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan