Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 21:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йесо сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ аходӕн бахӕрут». Ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕм йӕ ныфс, Чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ ничи бахаста. Уыдон базыдтой, Бардарӕг кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 21:12
9 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп раттын никӕй бон баци. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.


Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?


Симон Петр бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ хыз былмӕ раласта. Хыз йедзаг уыди стыр кӕсӕгтӕй — ӕдӕппӕтӕй уыдысты сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ, фӕлӕ уый бӕрц кӕсӕгты уӕзӕй хыз нӕ аскъуыд.


Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петры фӕрсы: «Иоанны фырт Симон, адон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».


Уыцы рӕстӕг ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сӕм, Йесо сылгоймагимӕ кӕй ныхас кодта, уый диссаг фӕкасти. Фӕлӕ Йӕ сӕ иу дӕр нӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» кӕнӕ: «Цӕуыл дзурыс йемӕ?»


Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ — Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan