4 Дыууӕйӕ дӕр згъоргӕ кодтой, фӕлӕ иннӕ ахуыргӕнинаг Петрӕй тагъддӕр згъордта ӕмӕ зӕппадзмӕ раздӕр бахӕццӕ ис.
Ахимаац ын дзуапп радта: «Цыфӕндыйӕ дӕр азгъорон». Уӕд ын Йоав загъта: «Азгъор». Ахимаац атындзыдта Иорданы дӕлвӕзы фӕндагыл ӕмӕ эфиопагӕй фӕраздӕр ис.
уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд хъӕдгом буары арф ахызти, йӕ хъуынтӕ та сбур сты ӕмӕ ныттӕнӕг сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: уый гӕбӕрниз у, хъотыр ис йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъойыл.
Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинаг уайтагъд ацыдысты зӕппадзмӕ.
Ӕргуыбыр кодта ӕмӕ мӕрддзӕгтӕ федта, фӕлӕ зӕппадзмӕ нӕ бацыди.
Уӕд, раздӕр чи ӕрбахӕццӕ ис, уыцы ахуыргӕнинаг дӕр зӕппадзмӕ мидӕмӕ бахызти ӕмӕ, алцыдӕр йӕхи цӕстӕй куы федта, уӕд ӕй бауырныдта.
Згъорӕн фӕзы се ’ппӕт дӕр фезгъорынц, фӕлӕ хӕрзиуӕг иу адӕймагмӕ кӕй ӕрхауы, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ згъоргӕут ӕмӕ райсат хӕрзиуӕг!
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.